Хуссар Иры ӕвзонг дипломаттӕ фембӕлдзысты сӕ коллегӕтимӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй

РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады кусджытӕ архайдзысты ӕвзонг дипломатты ӕхсӕнадӕмон форумы Мӕскуыйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) минӕвӕрттӕ хайад райсдзысты Евразиаг бӕстӕты ӕвзонг дипломатты юбилейон форумы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ. Мадзалы организатор, кӕцы ацӕудзӕн Мӕскуыйы 26-27 июлы, уыдзӕн Уӕрӕсейы ФХМ ӕвзонг дипломатты цӕдис "Фонд Горчакова".

Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг хайад райста Науруйы цытджын мадзӕлтты

"Дискуссийы сӕйраг тематӕ уыдзысты ӕхсӕнадӕмон ахастыты системӕйы глобалон баивдтытӕ ӕмӕ дунейы экономикӕйы цифровизаци, афтӕ ма ӕвзонг дипломатты Ӕхсӕнадӕмон ассоциацийы фӕлгонц горизонталон дипломатийы процессты", — дзырдӕуы ӕддагон политикӕйы уагдоны пресс-службӕйы хъусинаджы

Ӕвзонг дипломатты раз ралӕудзысты Уӕрӕсейы ФХМ къухдариуӕгад, УФ парламенты дыууӕ палӕтӕ ӕмӕ экспертон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Форумы фӕстиуӕгӕн райсдзысты декларативон документ.

Ӕхсӕнадӕмон форум дӕтты фадат ӕвзонг дипломаттӕн, цӕмӕй радзурой сӕ хъуыдытӕ ӕддагон политикӕйы актуалон фарстыты фӕдыл.