Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой гӕн дымыны тыххӕй

Барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты кусджыты информацимӕ гӕсгӕ, нӕлгоймаг фехӕлдта гӕнӕй ӕнӕзаконон пайдакӕныны закон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Цхинвалы Мидхъуыддӕгты министрады криминалон милицийы кусджытӕ ӕрцахстой горӕты 34-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта гӕн дымыны тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.

"Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, нӕлгоймаг кӕй бадымдта наркотикон буарад "гӕн", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Йӕ архайдӕй фыдгӕнӕг фехӕлдта наркотикон, кӕнӕ психотропон ӕнӕзаконон пайда кӕныны закон.

Басгӕрст уадзы Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад.