Уӕрӕсейы уынаффӕгӕнӕг медицинӕйы райрӕзты тыххӕй Хуссар Иры: сӕйраг сты кадртӕ

Уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь радзырдта, цахӕм медицинон кадртӕ хъӕуы Хуссар Ирыстоны ног ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ног операцион-хирургон комплекс фӕхуыздӕр кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны медицинон ӕххуысы гъӕд, фӕлӕ хъӕудзӕн фӕхуыздӕр кӕнын кадрон фӕрӕзтӕ, радзырдта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фарстыты фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь.

Цхинвалы 10 июлы байгом ис ног хирургон комплекс гемодиализы хайадимӕ, кӕцы сарӕзтӕуыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.

"Комплекс куы бакӕнӕм, уӕд фӕфылдӕр уыдзысты домӕнтӕ кадрон фӕрӕзтӕм: сӕйраджыдӕр, анестезиологон хайадмӕ хъӕудзӕн ног специалисттӕ, гемодиализы хайадмӕ дӕр хъӕудзысты фылдӕр кадртӕ", — загъта Галь.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕхсӕз ног операционон хайад хорз равдыстой сӕхи. Фӕстаг мӕй ног комплексы ныридӕгӕн сарызтой 20 операци.

Гуырӕн хӕдзар, Плиты Мэлс ӕмӕ ногдзинӕдтӕ

Уынаффӕгӕнӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕйы райрӕзт нӕй гӕнӕн сӕххӕст кӕнын кадрон фӕрӕзты гъӕд ӕмӕ бӕрцуат куы нӕ схизын кӕнӕм. Медицинон кусджыты квалификаци фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе бафыстой цалдӕр бадзырд.

Уынаффӕгӕнӕг бахахх кодта, ӕнӕниздзинад хъахъӕнынады системӕ сног кӕныны иннӕ этап уыдзӕн медицинон кластеры фӕзынд, кӕцы баиу кӕндзӕн медицинон организацитӕ иу комплексы.

"Ацы баиудзинад сӕххӕст уыдзӕн ацы аз 1 августӕй фӕстӕмӕ. Уый хуындзӕн "Республикон бирӕпрофилон медицинон центр", — радзырдта уынаффӕгӕнӕг.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр ӕрдзырдта сферӕ раног кӕныны фадӕттыл

Комплексы арӕзтад райдыдта ӕртӕ азы размӕ 2015-2017 ӕзты Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Объекты арӕзтад фӕцис 2017 азы кӕрӕтты ӕмӕ райдыдта кусын официалон бакондӕй цалдӕр мӕй раздӕр. Комплексы арӕзтадӕн Уӕрӕсейы бюджетӕй рахицӕн кодтой 600 милуан сомӕй фылдӕр, иумӕйагӕй та Хуссар Ирыстоны медицинон комплексты арӕзтадӕн хицӕн ӕрцыд 1,5 миллиард сомӕй фылдӕр.