Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта сӕдӕ фидауынгӕнӕгӕй фылдӕр Цӕгат Ирӕй

Хорзӕхкӕныны церемони ацыд Дзӕуджыхъӕуы, майдантӕ "За ратный труд во имя мира" райстой 102 фидауынгӕнӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта паддзахадон хорзӕхтӕ Цӕгат Ирыстоны батальоны фидауынгӕнджытӕн, кӕцытӕ службӕ кодтой Хуссар Ирыстоны 1992-2008 ӕзты. Хорзӕхджын кӕныны церемони, кӕцы ацыд Дзӕуджыхъӕуы, снывонд кодтой Хуссар Ирыстонмӕ фидауынгӕнӕн тыхты ӕрбацыдыл 26 азы сӕххӕсты боны цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Фидауынгӕнӕг ссис минӕвар: Кулахметов та ӕрцыд Хуссар Ирмӕ

"Куыд хуссарирыстойнаг паддзахады сӕргълӕууӕг, афтӕ мӕ фӕнды, сӕйраджыдӕр, ракурын хатыр цӕгатирыстойнаг фидауынгӕнджытӕй абонмӕ сӕ кӕй нӕ схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад. Фӕлӕ хорзӕх алыхатт дӕр ссары йӕ хъайтары, 26 азы фӕстӕ дӕр", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы хорзӕхтӕ, сӕйраджыдӕр, сты Хуссар Ирыстоны адӕмӕй, кӕцытӕ аргъ кӕнынц фидауынгӕнджыты сгуыхтдзинӕдтӕн.

Цӕремонийы ма хайад райста РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав дӕр, кӕцы банысан кодта, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕм иугонд кӕй сты.

Фидауынгӕнӕн операцийы активон хайад исыны тыххӕй майдантӕ "За ратный труд во имя мира" райстой 102 фидауынгӕнӕджы. Бузныджы ныхӕстӕ хорзӕхты тыххӕй загъта раздӕры фидауынгӕнӕг Цомайты Тамерлан.