Хуссар Иры цӕрӕджы ӕрцахстой гӕн зайын ӕмӕ дымыны тыххӕй

Нӕлгоймагмӕ зӕрдӕ ӕхсайы наркотикон буарадтимӕ зайӕгойты ӕнӕзаконон рӕзын кӕныны фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой Дзауы поселочы цӕрӕджы цӕхӕрадоны гӕны 13 къутӕры. Нӕлгоймагмӕ зӕрдӕ ӕхсайы наркотикон буарадтимӕ зайӕгойты ӕнӕзаконон рӕзын кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.

Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой гӕн дымыны тыххӕй

МХМ банысан кодтой, зӕгъгӕ поселочы 52-аздзыд цӕрӕджы архайд хауы статьямӕ "ӕнӕзаконон рӕзын кӕнын зайӕгойты, кӕцыты ис наркотикон, кӕнӕ психотропон буарадтӕ".

Афтӕ ма медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, поселочы цӕрӕг йӕхӕдӕг дӕр кӕй пайда кодта гӕнӕй. Барадхъахъхъӕнджытӕ йӕ ӕрцахстой, йӕ архайдӕй фыдгӕнӕг кӕй фехӕлдта наркотикон, кӕнӕ психотропон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны закон.