Цхинвалы ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ басыгътой пластикӕй рудзгуытӕ

Зианы суммӕ рацыд 400 мин сомы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕтӕ агурынц ӕбӕрӕг фыдгӕнджыты, кӕцытӕ басыгътой пластикӕй рудзгуытӕ горӕты аразгӕ объекттӕй иуы ӕмӕ фӕтары сты фыдракӕнды бынатӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Барадхъахъхъӕнджытӕм бадзырдта Цхинвалы 52-аздзыд цӕрӕг, кӕцы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, сабаты ӕхсӕвы ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ бахызтысты машинӕтӕ ӕхсӕнмӕ Харебаты Исахъхъы уынгыл "Винзавод"-ы цур. Объекты территорийыл уыдысты пластикӕй рудзгуытӕ, кӕцытӕ фыдгӕнджытӕ басыгътой ӕмӕ фӕтары сты фыдракӕнды бынатӕй.

Зианы суммӕ рацыд 400 мин сом, банысан кодтой МХМ.