Ирыстойнаг дзюдоисткӕ рамбылдта Европӕйы Кубокы сыгъзӕрин майдан

Турнир юниорты ӕхсӕн ацыд Берлины (Германи) 28-29 июлы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Ирыстойнаг дзюдоисткӕ Таймӕзты Мӕдинӕ ссис дзюдойӕ Европӕйы Кубокы сыгъзӕрин майданы хицау, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрад.

Турниры хайад райстой 600 спортсмены 38 бӕстӕйӕ.

"70 килограмм уӕзы категорийы иууыл тыхджындӕр ссис уӕрӕсейаг Таймӕзты Мӕдинӕ, финалы рамбылдта италиаг спортсменкӕ Мартина Еспозитойы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Европӕйы Кубок дзюдойӕ юниорты ӕхсӕн ацыд Берлины (Германи) 28-29 июлы.