Бибылты Анатолий: Сирийы президент ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирмӕ

Балцы дырыс датӕ баст у Сирийы уавӕр ӕмӕ Башар Асады графикыл, банысан кодта президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Сирийы президент Башар Асад райста йӕ хуссарирыстойнаг коллегӕ Бибылты Анатолийы ӕрхуынд Хуссар Ирыстонмӕ. Уый тыххӕй Бибылты Анатолий фехъусын кодта къуырисӕры пресс-конференцийы Цхинвалы.

Бибылты Анатолий Дамаскмӕ йӕ официалон балцы рӕстӕджы ӕрхуыдта сириаг разамонӕджы республикӕйы хӕдбардзинадыл дӕс азы сӕххӕсты бӕрӕгбонмӕ.

"Хуссар Ирыстоны адӕмы номӕй ӕз ӕрхуыдтон Башар Асады нӕ республикӕмӕ, ӕмӕ уый райста ӕрхуынд. Йӕ бон суыдзӕн республикӕйы банымады юбилеймӕ ӕрцӕуын, уый нырма бӕрӕг нӕу", — загъта Бибылты Анатолий.

Фӕлӕ уый банысан кодта, зӕгъгӕ президент Башар Асад баныфсӕвӕрдта, кӕй ӕрцӕудзӕн — балцы дырыс датӕ баст у Сирийы уавӕр ӕмӕ Башар Асады графикыл.

Хуссар Иры президент кӕронмӕ бахӕццӕ кодта йӕ фыццаг официалон балц Сиримӕ

"Башар Асад Хуссар Ирыстонмӕ ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн. Кӕрӕдзийӕн хӕрзбон куы дзырдтам, уӕд мын загъта "Хуссар Ирыстоны фембӕлдзыстӕм", — радзырдта Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны делегаци Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ивгъуыд къуыри уыд Сирийы официалон балцы. Дамаскы фембӕлд Башар Асадимӕ, паддзахадты сӕргълӕуджытӕ бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд.

Уый уыд Хуссар Ирыстоны президенты фыццаг официалон балц Сиримӕ, кӕцы 29 майы банымадта республикӕйы хӕдбардзинад.