Цхинвалы цӕстӕнгас: Хуссар Иры дипломаттӕ хайад райстой ӕхсӕнадӕмон форумы

Форумы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвӕрттӕ ралӕууыдысты Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады тыххӕй докладимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Мӕскуыйы кӕронмӕ бахӕццӕ Евразиаг бӕстӕты ӕвзонг дипломатты юбилейон V Форум, кӕцыйы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) минӕвӕрттӕ. Мадзалы организатор уыд Уӕрӕсейы ФХМ ӕвзонг дипломатты цӕдис "Фонд Горчакова", хъусын кӕны республикӕйы ӕддагон политикӕйы уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры ФХМ-ы сæргълæууæг æрдзырдта Мæскуыйы Уæрæсеимæ æмгуыстадыл

Форму хайад райстой Абхаз, Сомих, Белорус, Казахстан, Киргиз, Уӕрӕсе ӕмӕ Таджикистаны минӕвӕрттӕ.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад банымады 10-ӕм афӕдзы боны цытӕн Хуссар Ирыстоны ФХМ минӕвар Цхуырбаты Александра равдыста доклад ацы цауы тыххӕй.

Форумы хайадисджытӕ ӕрдзырдтой ӕхсӕнадӕмон ахастыты системӕйы глобалон баивдтытыл ӕмӕ дунейы экономикӕ ӕмӕ ахуырады цифровизацийыл.

"Делегаттӕ загътой сӕ хъуыдытӕ ныры ӕхсӕнадӕмон политикон конъюнктурӕйы тыххӕй ӕмӕ ӕвзонг дипломатты фадат горизанталон дипломатийы процессты хайад исын", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Форумы фӕстиуӕгӕн райстой деклараци ӕвзонг дипломатты ӕхсӕнадӕмон ассоциацийы саразыны фӕдыл.