ДАР ӕмӕ ЛАР-ы сывӕллӕттӕ баулӕфдзысты Хуссар Иры лагерь "Фарн"-ы

Сӕрдыгон лагерь Къуайсайы бакодта йӕ дуӕрттӕ 70 сывӕллонӕн – бӕрӕгбонон церемонийы хайад райста Хуссар Ирыстоны президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къуасайы горӕты бӕрӕгбонон уавӕры бакодтой сывӕллӕтты лагерь "Фарн". Мадзалы хайад райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Сӕрдыгон лагерь райста 70 сывӕллоны, кӕцытӕй 50 ӕрцыдысты Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕтӕй.

Анатолий Бибилов посетил летний лагерь в Квайсе

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны уазджытӕн, ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта, цӕмӕй лагеры хорз рӕстӕг арвитой.

"Мах алкӕйдӕр тынг фӕнды, цӕмӕй ам цы рӕстӕг арвитат, уый уа уӕ иууыл амондджындӕр рӕстӕг ӕмӕ нӕм цӕмӕй ногӕй ӕрцӕуат. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах уый тыххӕй алцыдӕр сараздзыстӕм. Фӕнды мӕ, цӕмӕй хӕлардзинад, кӕцы фӕзындзӕн сымахӕн хуссарирыстойнаг сывӕллӕттимӕ, баззайа цӕрӕнбонтӕм ӕмӕ сомбон цӕрат ӕфсымӕрдзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинады", — загъта уый.

Афтӕ ма президент ӕркаст сывӕллӕтты цӕрыны уавӕртӕм дӕр, ӕмӕ загъта, цӕмӕй кӕцыдӕр цухдзинӕдтӕ аиуварс кӕной.

Анатолий Бибилов посетил летний лагерь в Квайсе

Дыууӕ къуыримӕ сывӕллӕттӕ фендзысты Дзауы районы фенддаг бынӕттӕ, афтӕ ма сын бацӕттӕ кодтой алыбонон культурон-ирхӕфсӕн программӕ, кӕцы сын ратдзӕн тыхтӕ ног ахуырадон азмӕ.

1 / 5
Сӕрдыгон лагерь Къуайсайы бакодта йӕ дуӕрттӕ 70 сывӕллонӕн
2 / 5
Сӕрдыгон лагерь Къуайсайы бакодта йӕ дуӕрттӕ 70 сывӕллонӕн
3 / 5
Сӕрдыгон лагерь Къуайсайы бакодта йӕ дуӕрттӕ 70 сывӕллонӕн
4 / 5
Сӕрдыгон лагерь Къуайсайы бакодта йӕ дуӕрттӕ 70 сывӕллонӕн
5 / 5
Сӕрдыгон лагерь Къуайсайы бакодта йӕ дуӕрттӕ 70 сывӕллонӕн

Сӕрдыгон лагерь Къуайсайы сарӕзта республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министрад астӕуккаг ахуырадон скъолайы базӕйыл. Сывӕллӕттимӕ кусы квалификацигонд ахуыргӕнджытӕ, ис дзы медицинон кусӕг ӕмӕ хъахъхъӕнӕг.