Амондджын æмæ хæрзконд: æххуысхъуаг бинонты сабитæ райстой скъолайон формæ

Æнæнхъæлæджы сывæллæттæн фадат фæцис зонындзинæдты бæрæгбонмæ сæхи скæнын рæсугъд æмæ æнæаргъæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæ зонындзинæдты бæрæгбонмæ райстой скъолайон дарæс. Амалиуæггæнæг Чабиты Натальяйы хæрзаудæн акци аххæссыд 8 сывæллоныл.

Благотворительная акция в магазине "Эрман"
Дыццæджы сихорафон цхинвайлаг дукани "Эрман" айдзаг сывæллæттæй, амондджын сабитæ хуызджын дзаумаауындзæнты æхсæн æвзæрстой сæхицæн скъолайон формæ, ацы хатт сæ ныййарджытæ дæр нæ урæдтой – абон сын дарæс уыд æнæаргъæй. Аст сывæллоны горæт æмæ районтæй скодтой сæхи сæрæй кæронмæ.

"Катай кодтон, зæгъын, мæ сывæллæтты 1 сентябрьмæ куыд цæттæ кæндзынæн æмæ ныр мæ сæрнизæй фервæзтæн. Æртæ саби мын ис, иу сæ рынчын у, фæлæ мын Зæлинæ æмæ Аннайы сфæлындыдтой скъоламæ. Фыццаг хатт райстон ахæм æххуыс æмæ амонджын дæн", — радзырдта ныййарæг Бестауты Инга.

Дукани "Эрман" йæ куыст райдыдта иу мæйы размæ æмæ йæ хицæутты бафæндыд сæ куыст райдайын хорз хъуыддагæй.

Благотворительная акция в магазине "Эрман"

"Тагъд фыццæгæм сентябрь у æмæ ахъуыды кодтам, зæгъгæ, ис ахæм бинонтæ, кæцытæн сæ авналæнтæ сты къуындæг. Хæрзаудæн фонд "Пусть всегда будет солнце" арбакодта 8 сывæллоны æмæ ма хъавынц ноджы æрбакæнын. Баххуыс кæндзыстæм, цасæн нæ бон суа, уыййас сывæллонæн. Комплекты ис чызджытæн къабатæ, хæдæттæ, сæрбæттæнтæ, лæпуттæн – костюмтæ. Æфсæрмы кæнынц сабитæ дæр æмæ ныййарджытæ дæр, фæлæ нæ ныфс ис, райзæрдæйæ кæй дардзысты сæ дарæс", — загъта Чабиты Наталья.

Благотворительная акция в магазине "Эрман"

Фонд "Пусть всегда будет солнце"-йы президент Наталья Жуйкова хæрзаудæн органæн бындур æрæвæрдта æрæджы, ныридæгæн сарæзтой дыккаг мадзал.

"Дукани иу мæйы æмгъуыд дæр нæ кусы æмæ ахæм хорз хъуыддаг сарæзта. Стыр бузныг сын зæгъын, афтæ ма сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарайæн, уыдон фæрцы ацы хъуыддаг рацыд", — балхынцъ кодта Жуйкова Наталья.