Ӕрдӕг милуан давӕджы тыххӕй: МХМ расидт хорзӕх Къӕбысты Андрейыл информацийы тыххӕй

Лигъдон давӕджы агуырд нырма фӕстиуджытӕ нӕ радта
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) бафиддзӕн ӕрдӕг милуан сомы Къӕбысты Андрейыл информацийы тыххӕй, кӕцы алыгъд къуырисӕры ӕхсӕвы рӕстӕгмӕдарӕн изоляторӕй, хъусын кӕны уагдоны сайт.

Хуссар Иры агурынц ахӕстонӕй лигъдон Къӕбысты Андрейы

Къӕбысты Андрей, кӕцыйы азымджын кодтой адӕмы давыны, ӕрцахстой 2017 азы сӕрды. Ӕрфарсты рӕстӕджы уый басаст цалдӕр фыдракӕндыл, фӕстӕдӕр сбӕлвырд кодтой, цалдӕр бабырсты дӕр хайад кӕй райста.

"Алчи дӕр, кӕмӕ ис информаци Къӕбысты Андрейы тыххӕй, фехъусын кӕнут мидхъуыддӕгты министрадмӕ", — банысан кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны гаранти дӕттынц, кӕй схорзӕхджын кӕндзысты ӕмӕ кӕй нӕ схъӕр кӕндзысты информаци бадӕттӕджы.