Фӕдагуырд фехъусын кодта Къӕбысты Андрейы алыгъды лыстӕгдзинӕдтӕ

Къӕбысты Андрей, кӕцыйы ӕрцахстой фарон сӕрды, алыгъд къуырисӕры ӕхсӕв рӕстӕгмӕдарӕн изоляторӕй. Мидхъуыддӕгты министрад бафиддзӕн ӕрдӕг милуан сомы фыдгӕнӕджы бынаты информацийы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг Къӕбысты Андрейы алыгъды тыххӕй рӕстӕгмӕдарӕн изоляторӕй, кӕцыйы ӕрцахстой адӕмы давыны тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайады.

Къӕбысты Андрей, кӕцыйы ӕрцахстой фарон сӕрды, алыгъд къуырисӕры ӕхсӕв рӕстӕгмӕдарӕн изоляторӕй. Мидхъуыддӕгты министрад бафиддзӕн ӕрдӕг милуан сомы фыдгӕнӕджы бынаты информацийы тыххӕй.

Хуссар Иры агурынц ахӕстонӕй лигъдон Къӕбысты Андрейы

"Фӕдагуырд сбӕрӕг кодта, 30 июлы 1.45 сахатыл, Къӕбысты Андрей, кӕцы уыд Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы, алыгъд, цӕмӕй ма бахауа уголовон бӕрны йӕ уӕззау фыдракӕндты тыххӕй", — радзырдтой фӕдагуырды хайады.

Камерӕйы агуыридурӕй арӕзт къул Къӕбысты Андрей ныппырх кодта згъӕрӕй зӕгӕлтӕй ӕмӕ басцымӕн уидыгӕй. Уый ракъахта къул Хетӕгкаты Къостайы уынгмӕ ӕмӕ уырдыгӕй рахызт ӕдтӕмӕ.

Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайады информацимӕ гӕсгӕ, Къӕбысты Андрейы азымджын кодтой бирӕ фыдракӕндты.

"Къӕбысты Андрейы уголовон хъуыддаг уыд ӕвзарӕны кӕронбӕттӕн этапыл", — загътой уагдоны.

Афтӕ ма уагдоны радзырдтой, зӕгъгӕ, рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы дыууӕ кусӕджы ӕрцахстой, ноджы ма цалдӕр адӕймаджы фӕдыл та уадзынц басгӕрст.