Уæрæсейы чемпионаты стох кæндзысты 45 ирон богалы

Уæгъдибар хъæбысхæсты чемпионаты архайдзысты куыд зындгонд богалтæ, афтæ нырма стыр спорты фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, ахæмтæ дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæстæй 2018 азы чемпионаты стох кæндзысты 45 ирон богалы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрад.

Ерыстæ цæудзысты 3-5 августы горæт Одинцовойы.

"Ерысты архайдзысты иууыл тыхджындæр ирон богалтæ, се ʻхсæн олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан, дунейон чемпион Цæболты Хетæг, Европæйы чемпионтæ Байцаты Владислав æмæ Найфонты Артур, дунейон ерысты призертæ Уалыты Владислав æмæ Гогаты Алан. Ӕмткæй Цæгат Ирыстоны командæйы сконды ис 45 хъæбысхæцæджы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уæрæсейы чемпионаты æрмæст 86 кг уæзы архайдзæн 8 ирон богалы, 125 кг уæзы сæ нымæц уыдзæн 7, фæйнæ 6 сты 79 æмæ 92 кг уæзты.