Ӕррагӕнӕн кӕрдӕг: Хуссар Иры хъӕутӕй иуы ссардтой гӕны дыккаг плантаци

Дыууӕ къуыримӕ барадхъахъхъӕнӕг органтӕ Цъубены хъӕугӕрон ссардтой хъӕддаг гӕны дыккаг плантаци
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) уголовон фӕдагуырды кусджытӕ Ленингоры районы хъӕутӕй иуы ссардтой ӕмӕ скуынӕг кодтой хъӕддаг гӕны 84 къутӕры, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг органы пресс-службӕ.

Хуссар Иры цӕрӕджы ӕрцахстой гӕн зайын ӕмӕ дымыны тыххӕй

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ӕррагӕнӕн кӕрдӕджы къутӕртӕ задысты хъӕу Цъубены хуссарварс кӕрон.

Раздӕр, 20 июлы ма МХМ фехъусын кодтой, ацы хъӕуы ма куынӕг кӕй ӕрцыдысты наркотикон буарадхӕссӕг кӕрдӕджы 370 къутӕры.

Цауы фӕдыл басгӕрст уадзы Ленингоры районы мидхъуыддӕгты управлени.