Президент: Хуссар Иры адӕм хъынцъым кӕнынц Днестыргӕроны хъӕбулты мӕлӕтыл

Днестыргӕроны ссардтой 1992 азы хӕсты амӕттӕгты ном
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий республикӕйы адӕмы номӕй ратӕфӕрфӕс кодта Днестыргӕрон Молдаваг Республикӕйы президент Вадим Красносельскийӕн мысӕн датӕйы — Днестыргӕроны хъахъхъӕнджыты мысӕн боны фӕдыл.

"Ацы бон Хуссар Ирыстоны адӕм хъынцъым кӕнынц Днестыргӕроны хъӕбатыр хъӕбулты тыххӕй, кӕцытӕ ӕхсарджынӕй бахъахъхъӕдтой сӕ Фыдыбӕстӕ знӕгтӕй", — радӕтта президенты ныхӕстӕ паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Фыццӕгӕм августы Днестыргӕроны ацыдысты мысӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ уыдысты нывонд Днестыргӕроны хъахъхъӕнджыты мысӕн боны цытӕн. Мадзӕлтты хайад райстой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы дипломатон корпусы минӕвӕрттӕ.