ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Уӕлдӕфон-десантон ӕфсады (УДӔ) бӕрӕгбон Хуссар Ирыстоны столицӕйы райдыдта дидинджыты сӕвӕрдӕй Кады аллейыл Ӕнусон артмӕ. УДӔ ветерантӕ ӕмӕ курсанттӕ тырысатимӕ фембӕлдысты республикӕйы президент Бибылты Анатолиимӕ, кӕцы сын раарфӕ кодта сӕ профессионалон боны цытӕн.
"Фӕнды мӕ раарфӕ кӕнын Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕн, кӕцытӕ службӕ кодтой УДӔ-йы ӕмӕ сын мӕ цӕст уарзы фидар ӕнӕниздзинад. Ацы бӕрӕгбон у Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕдты иууыл цытджындӕр бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу. Мӕхӕдӕг десантниктӕй фылдӕр патриоттӕ никӕй зонын. Фӕнды мӕ, цӕмӕй алы аз дӕр десантон базӕ фидардӕр кӕна. Кад Уӕлдӕфон-десантон ӕфсадӕн!" — раарфӕ кодта десантниктӕн Бибылты Анатолий.
Дидинджытӕ ӕвӕрыны официалон церемонийы фӕстӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг мотоциклыл слӕууыд автозгъорды сӕргъ, кӕцы уыд нывонд УДӔ-йы бонӕн. Хӕдтулгӕтӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ УДӔ-йы тырысатимӕ сӕххӕст кодтой автозгъорд Цхинвалы уынгтыл.