Хуссар Иры цӕттӕ кӕнынц республикӕйы газифтонгадмӕ

Газифтонгад нывӕндынц райдауын иннӕ аз, фӕлӕ закондӕттӕн ӕмӕ техникон документаци хъӕуы бацӕттӕ кӕнын ныртӕккӕ, бахахх кодта хицауады сӕрдар
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕрдзырдта республикӕйы газифтонгады "фӕндагон картӕйы" фӕдыл кусӕгон къорды хуссарирыстойнаг хайы уӕнгтимӕ, кӕцы сарӕзтой бадзырды фӕлгӕтты республикӕйы хицауад ӕмӕ ПАО "Газпром"-ы ӕхсӕн.

Хуссар Ир ауӕй кодта "Газпром"-ӕн йӕ акцитӕ АӔ "Газпром – Хуссар Ирыстон"-ы

Газифтонгады куыстытӕ нывӕндынц райдайын 2019 азы. Газпром фондз азмӕ бахӕссдзӕн "Газпром-Хуссар Ирыстоны" газы комплексы модернизаци ӕмӕ реконструкцимӕ дыууӕ миллиард сомӕй фылдӕр.

Хицауады пресс-службӕйы фехъусын кодтой, "фӕндагон картӕ" амӕйразмӕ кӕй сарӕзтой иумӕйаг ӕмбырды рӕстӕджы Мӕскуыйы.

"Цалынмӕ газифтонгады арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ нӕ райдыдтой, уӕдмӕ хуссарирыстойнаг фарсы хъӕуы бацӕттӕ кӕнын закондӕттӕн ӕмӕ техникон документаци, кӕцытӕ баст сты газы ӕрласт, транспортировкӕ, байуӕрст ӕмӕ бавӕрыныл республикӕйы территорийы, афтӕ ма газы инфраструктурӕйы объектты арӕзтад ӕмӕ эксплуатаци", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Бибылты Анатолий: энерги кӕм ис, уым райрӕзт дӕр ис

Кусӕгон къордмӕ, кӕцыйы сӕргъ лӕууы сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕргълӕууӕг Бекойты Геннадий, бахызтысты ноджы фондз министрад ӕмӕ уагдоны сӕргълӕуджытӕ.

Республикӕйы газифтонгады генералон схемӕмӕ гӕсгӕ, Дзауы газуарӕн станц ифтонг кӕндзӕн 23 цӕрӕн пункты, Эрцъойы — аст цӕрӕн пункты, Къуайсайы — 13 цӕрӕн пункты, Цхинвалы — 49 цӕрӕн пункты, афтӕ ма 47 цӕрӕн пункты та ифтонг кӕндзӕн Ленингоры районы газуарӕн станц.