Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ стох кодтой хӕстон дронтимӕ Хуссар Иры

Ӕнӕпилотон аппаратты ныхмӕ тохы хайадтӕ сарӕзтой Хуссар ӕфсӕддон зылды алкӕцы ӕфсӕддон иугонды дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕнӕпилотон тӕхӕг аппаратты ныхмӕ хайадтӕ тох кодтой "ныхмӕлӕууӕджы" хӕстон дронтимӕ Хуссар Ирыстоны. Ацы тохы хайад райстой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы снайпертӕ дӕр, хъусын кӕны РИА Новости Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы ныхӕстӕ.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ауагътой масштабон ахуыртӕ Хуссар Иры

"Радиоэлектронон комплекс "Красуха"-йы специалисттӕ ӕмӕ зенитон-ракетон комплекс "Панцирь-С" тактикон-сӕрмагонд ахуырты рӕстӕджы скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы 30 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты", — фехъусын кодтой Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы мото ӕхсджытӕ кусынц иумӕйаг архайдыл ахуырадон хъахъхъӕныны тохы рӕстӕджы.

Иумӕйаг ахуырты Хуссар Ирыстоны полигон "Дзарцъем"-ы хайад исынц дыууӕ мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 400 иуӕджы.