Хуссар Ир сӕхгӕдта Гуырдзыстонимӕ арӕн

Уый сарӕзтой мысӕн мадзӕлттӕ ауадзыны тыххӕй, кӕцытӕ нывонд сты Гуырдзыстоны агрессийы дӕсӕм афӕдзы боны цытӕн Хуссар Ирыстоны ныхмӕ 2008 азы августы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕн Гуырдзыстонимӕ сӕхгӕдтой 6 августы изӕры, уадзӕн пункттӕ ногӕй райдайдзысты кусын 9 августы райсомӕй, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

"Республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитет хъусын кӕны, мысӕн мадзӕлттӕ ауадзыны тыххӕй, кӕцытӕ нывонд сты Гуырдзыстоны агрессийы дӕсӕм афӕдзы бонӕн, 6 августы 20.00 сахатӕй фӕстӕмӕ рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой РХИ ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕны уадзӕн пунктты куыст", — дзырдӕуы хъусинаджы.

ПӔК-ы банысан кодтой, зӕгъгӕ, уадзыны пунктты куыст ногӕй райдайдзӕн 9 августы 6.00 сахатӕй фӕстӕмӕ.