Ничи ферох: Цхинвалы равдыстой дыууӕ киноныв хӕсты хъайтарты тыххӕй

Киностуди "AllonFilm" спрезентаци кодта дыууӕ документалон киноныв, кӕцытӕ нывонд сты ирон хъайтарты сгуыхтдзинӕдтӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы киностуди "AllonFilm" равдыста дыууӕ документалон киноныв Хуссар Ирыстоны хъайтарты тыххӕй, кӕцытӕ тох кодтой сӕ фыдыбӕстӕйы сӕрибардзинады тыххӕй. Кинолентӕтӕ "Пари со смертью" дывӕр агент Колыты Иналы сгуыхтдзинӕдтыл ӕмӕ "Фарастӕй иумӕ" Багаты Амираны зындгонд отряды тыххӕй, спрезентаци кодтой дыццӕджы киноконцертон зал "Чермен"-ы.

Колыты Иналы тыххӕй кинонывы радзырдтой терактты тыххӕй, кӕцытӕ гуырдзиаг фарс нывӕндыд саразын 2004 азы ӕмӕ кӕцытӕ нӕ сӕххӕст сты ирон дывӕр агент ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады фӕрцы. 

Премьера документальных фильмов Allonfilm

Сӕрмагонд операцийы тыххӕй дзырдта Колыты Инал йӕхӕдӕг, кӕцы йӕ ӕмбӕстӕгты фервӕзын кодта, фӕлӕ йын уӕддӕр фӕстагмӕ йӕхи фыдбылызӕй бахизын нал бантыст. Дыккаг киноныв нывонд у 2008 азы хӕстӕн, кӕд разæсгарæн къорды разамонæг Багаты Амиран æмæ йе 'мтохгæнæг ирон лæппутӕ Уӕрӕсейы æххуысы ʻрцыдмæ урæдтой хотыхджын æнæкæрон гуырдзиаг æфсады. Багаты Амиран ӕмӕ йе 'мтохгæнæг Джиоты Азӕмӕт амардысты уыцы тохы.

Кӕсджыты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты кинонывтӕ ӕмӕ уыдон загътой бузныг кинонывты саразджытӕн, кӕй нӕ рох кӕнынц хъайтарты, кӕцыты фӕрцы Хуссар Ирыстон райста сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинад.

Хӕсты ветеран, тӕхӕг Остъаты Инал загъта йӕ хъуыды кинонывы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, ахӕм лентӕтӕ кӕй хъуамӕ исой алкӕцы хъайтары тыххӕй дӕр, цӕмӕй сӕ ном ӕнусты баззайа.

"Ӕвӕццӕгӕн, нӕ адӕм цы сфӕрӕзтой, уый алкӕй бон не суыдаид. Мах уыдыстӕм блокадӕйы, нӕ зӕронд адӕмы нын дӕлдон кодтой ихджын доны, лӕппуты сыгъдтой, мардтой лигъдӕтты, сывӕллӕттӕ ӕмӕ сылгоймӕгты – уый у мах истори ӕмӕ йӕ мах хъуамӕ адӕттӕм фидӕны фӕлтӕрӕн куыд у, афтӕмӕй. Ӕмӕ бузныг коллективӕн, кӕй кусынц ацы хъуыддагыл, уый тыххӕй. Ныфс мӕ ис ӕмӕ тагъд рӕстӕджы алкӕцы хъайтарыл дӕр сисдзысты кинонывтӕ", — загъта Остъаты Инал.

Президент Бибылты Анатолий, кӕцы уыд равдысты, загъта бузныг кинонывы саразджытӕн ӕмӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, ахӕм сгуыхтдзинӕдтыл хъуамӕ ахуыр кӕна ӕвзонг фӕлтӕр.

Премьера документальных фильмов Allonfilm

"Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм кинонывты ахъаз кӕнынц, цӕмӕй мах нӕ истори ма ферох кӕнӕм – трагикон ӕмӕ хъайтарон. Мах сӕ стӕм сӕрыстыр", — бафтыдта Бибылты Анатолий.

"AllonFilm"-ы разамонӕг Мамиты Григорий загъта бузныг президентӕн ӕмӕ алкӕмӕндӕр, чи ӕххуыс кодта киноныв исынӕн. Киностуди "Allonfilm"-ы сконды Мамиты Григорийæ дарддæр архайынц Бестауты Юля, Хаситы Михаил, Цхуырбаты Сергей æмæ æндæртæ.