Италийы ацыд Хуссар Ирыстоны хӕсты амӕттӕгты мысӕн акци

Гуырдзыстоны агрессийы амӕттӕгты мысӕн акци ауагътой "Сабырдзинады Бӕласы" цур
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕварады къухдариуӕгадӕй италиаг горӕт Пезаройы абон ацыд мысӕн акци, кӕцы уыд нывонд Хуссар Ирыстоны "Фондзбонон хӕсты" дӕсӕм афӕдзы бонӕн.

10 азы фæстæ: Цхинвалы æрбакодтой цыртытæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæтæн

"Сабырдзинады Бӕласы" цур — ӕнгузы бӕлас, кӕцы ныссагътой гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты номарынӕн горӕты парк Miralfiori-йы, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕлтты къорд ауагъта мысӕн акци 2008 азы 8 августы гуырдзиаг ӕфсады бабырсты амӕттӕгты рухс номарынӕн", — дзырдӕуы республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусинаджы.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.