Мӕскуыйы ссардтой Гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Чырыстийы Аргъуаны сӕххӕст кодтой панихидӕ Гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. "Фондзбонон хӕсты" амӕттӕгтыл панихадӕ ацыд Мӕскуыйы, хъусын кӕны РИА Новости.

Чырыстийы Аргъуаны абон ауагътой панихидӕ Гуырдзыйы агрессийы ирон адӕмы амӕттӕгтыл: Цхинвалы хъахъхъӕнджытӕ, Фидауынгӕнӕн тыхты ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ, уӕрӕсейы ӕфсады солдаттӕ ӕмӕ офицертыл.

Панихидӕйы хайад райстой Хуссар Ирыстоны минӕварады кусджытӕ, РЦИ-Аланийы минӕварады кусджытӕ, дипломатон мисситы ӕмӕ Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.