Цӕгат Иры ссудздзысты цырӕгътӕ 2008 азы августы амӕттӕгты мысӕнӕн

Гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты рухс ном ссардзысты панихидӕтӕй цӕгатирыстойанг республикӕйы аргъуанты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ауадздзысты акци "Мысӕны цырагъ", кӕцы уыдзӕн нывонд 2008 азы августы Гуырдзыйы агрессийы дӕсӕм афӕдзы бонӕн, хъусын кӕны 15-ӕм Регион. Мадзал райдайдзӕн изӕры аст сахатыл республикӕйы столицӕйы Барбашовы уынгыл сыгъдӕг Георгийы аргъуаны раз.

Мӕскуыйы ссардтой Гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Афтӕ ма Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы епархийы пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, епархийы алкӕцы аргъуаны дӕр ауадздзысты панихидӕ амӕттӕгтыл. Афтӕ ма панихидӕтӕ ауадздзысты Хуссар Ирыстоны аргъуанты дӕр.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.