Радиойы бон: Sputnik Цӕгат Иры ауагъта мастер-класстӕ сывӕллӕттӕн

Лагерь "Media Camp"-ы сывӕллӕттӕн радзырдтой радиойы куысты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕ уыдысты Цӕгат Ирыстоны сывӕллӕтты лагерь "Media Camp"-ы ӕмӕ ауагътой сывӕллӕттӕн мастер-класстӕ радиойы куысты тыххӕй.

Sputnik провел мастер-класс для детей в Северной Осетии

Фембӕлды райдайӕны агентады разамонӕг Виталий Раднаев загъта бузныг РЦИ-Аланийы мыхуыр ӕмӕ дзыллон коммуникациты хъуыддӕгты фӕдыл комитетӕн ӕрхуынды тыххӕй.

"Ӕхсызгон мын у уынын ирд ӕмӕ зӕнджын сывӕллӕтты. Стыр бузныг ӕрхуынды тыххӕй. Ныфс нӕ ис, дарддӕр дӕр кӕй ӕмгуыстад кӕндзыстӕм Цӕгат Ирыстонимӕ", — банысан кодта Раднаев.

Агентады разамонӕг ӕмӕ радиойы амонӕг Тыджыты Виктория бамбарын кодтой сывӕллӕттӕн радиойы арӕзтад, информацион контенты хицӕндзинад ирхӕфсынӕй ӕмӕ ног хабӕрттимӕ куысты принциптӕ.

Ӕртӕ азы Sputnik-ыл: агентады радзырдтой сӕ проекттӕ ӕмӕ нывӕзттыл

Мастер-классы рӕстӕджы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ адих сты ӕртӕ командӕйыл ӕмӕ "сарӕзтой" сӕхи радиостанцӕтӕ. Станцӕтӕ "Южный альянс", "Media Camp FM" ӕмӕ "Тющонка" сарӕзтой сӕхи логотиптӕ, радзырдтой хъусджытӕн сӕ эфиры тыххӕй. Афтӕ ма сывӕллӕттӕ ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ бафарстой "комкоммӕ эфиры" актуалон ног хабӕрттӕ.

Фӕстагмӕ Виталий Раднаев радта лӕвӕрттӕ мастер-классы иууыл цырддӕр хайадисджытӕн.

Сывӕллӕтты тематикон лагерь "Media Camp" байгом ис 23 июлы. Уый сорганизаци кодта РЦИ-Аланийы мыхуыр ӕмӕ дзыллон коммуникациты хъуыддӕгты фӕдыл комитет газет "Слово"-имӕ. Ацы аз лагеры хайадисджытӕ уыдысты 7-15 аздзыд 25 сывӕллоны.