ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрад фӕнд кӕны ауадзын рӕвдзытӕ ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ сты запасы, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.
Хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, зӕгъгӕ, мадзӕлттӕ ауадздзысты ӕввахс бонты, фӕлӕ дырыс ӕмгъуыд нӕ загътой.
"Рӕвдзыты рӕстӕджы кусдзысты запасы цы ӕмбӕстӕгтӕ ис, уыдон ӕрӕмбырд кӕныныл, афтӕ ма техникӕ дӕр, кӕцы хъӕуы ӕфсӕддон хайадтӕ баххӕст кӕнынӕн", — загътой Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.
Уагдоны бафтыдтой, рӕвдзытӕ арӕзт кӕй цӕуынц Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы иумӕйаг цӕттӕкӕнынады нывӕзтмӕ гӕсгӕ.