Цхинвалы Ӕнусон арты цур ард бахордтой æрсиддонтæ æмæ курсанттæ

Æфсæддон хаххыл цы фæссивæд слæууыд, уыдон æнæ къуыхцыйæ ард бахордтой иузæрдыгæй кæй архайдзысты Хуссар Иры хæрзæбонæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik,Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады уалдзыгон æрсиддонтæ æмæ Уæрæсейы æфсæддон вузты курсанттæ сæ ныййарджытæ, республикæйы разамынад æмæ хицауады уæнгты раз Кады Аллейы Цхинвалы бахордтой ард.

Присяга

Ӕнусон арты цур ралæууыдысты æфсæддон дарæсы 120 чызг æмæ лæппуйы. Æфсæддон хаххыл цы фæссивæд слæууыд, уыдон æнæ къуыхцыйæ ард бахордтой иузæрдыгæй кæй архайдзысты Хуссар Иры хæрзæбонæн. Официалон хай ахаста сахатæй фылдæр, уый фæстæ æфсæддонтæн раарфæ кодта президент Бибылты Анатолий.

"Уырны мæ, сымахæй алчидæр дæлæмæ не ʻруадздзæн ирон лæдджы æмæ Хуссар Иры кад. Зонын, бахъахъхъæндзыстут Плиты Иссæ, Мамсыраты Хаджи-Умар æмæ æндæр номдзыд æфсæддон раздзогтæ цы традицитæ ныууагътой, уыдон. Абон у уæ царды сæйраг бонтæй иу. Мах уæ вæрæм стыр ныфс", — загъта президент.

Ныййарджыты номæй курсанттæн раарфæ кодта Бестауты Бала.

Присяга

"Арфæ уын кæнын æфсæддон ардбахæрды тыххæй. Кæд уын уа тынг зын уæ службæйы рæстæджы, уæд иу уæ зæрдыл æрдарут ацы бон – уæ ныййарджыты раз ард куы бахордтат. Уастырджы уæ йæ дæлбазыр дарæт æмæ æрæздæхут цæттæ специалисттæй", — загъта Бестауты Бала.