Спикер Абхазы сæрибардзинадыл тохы тыххæй: уый уыд вазыгджын фæндаг

14 августы Абхазы адæм нысан кæнынц сæ ног историйы мысæн датæтæй иу – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Абхазы хуыздæр чызджытæ æмæ лæппуты хъайтардзинад никуы ферох уыдзæн æмæ йæ æнустæм сæ зæрдыл дардзысты сæ фæдонтæ, банысан кодта Хуссар Иры парламенты сæрдар Гасситы Петр йæ телеграммæйы Абхазы Адæмон Ӕмбырды спикер Валери Кварчиямæ.

14 августы Абхазы адæм нысан кæнынц сæ ног историйы мысæн датæтæй иу – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Уыцы бон, 1992 азы Гуырдзыстоны хотыхджынтæ бабырстой Абхазмæ æфсæнвæндаг хъахъхъæныны фсон.

Рауль Хаджимба: Абхаз Хуссар Иримӕ хъынцъым кӕны 2008 азы амӕттӕгты тыххӕй

"Ацы бон Абхаз мысы 1992-1993 æзты Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты, кæцытæ хъæбатырæй хъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх, æмæ ныхкъуырд радтой гуырдзиаг неофашисттæн. Тох кодтой сæ зæххыл цæрыны, сеʻвзаг, сæ культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæныны бартыл", — загъта закондæттæг органы сæрдар.

Гасситы Петр банысан кодта, Абхазы фæндаг сæрибардзинадмæ кæй уыд вазыгджын.

"Ацы хæсты Абхаз фесæфта йæ равзаргæ фæсивæд. Абон ирон адæм абхазæгтимæ иумæ мысынц гуырдзыйы къухæй чи фæмард, уыдоны. Сæ сгуыхтдзинад никуы ферох уыдзæн, сæ зæрдыл æй дардзысты сæ фæдонтæ æнустæм", — загъта уый.