Президент: Хуссар Ир хъынцъым кæны Абхазы сæрвæлтау чи фæмард, уыцы хъайтартыл

14 августы Абхазы адæм нысан кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон, уый фæдыл Хуссар Ирыстоны президент арвыста йæ абхазаг коллегæмæ телеграммæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстон хъынцъым кæны Абхазы сæрибардзинады сæрвæлтау цы фæсивæд фæмард, уыдоныл æмæ дих кæны сеʻввахс адæмы рис æмæ фыдох, дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы телеграммæйы, кæцы  уый арвыста йæ абхазаг коллегæ Рауль Хаджимбамæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы мысæн боны фæдыл.

Спикер Абхазы сæрибардзинадыл тохы тыххæй: уый уыд вазыгджын фæндаг

"Хуссар Иры хорз зонынц, цас рис æмæ маст хæссы хæст. Мах хъынцъым кæнæм Абхазы сæрибардзинады сæрвæлтау цы фæсивæд фæмард, уыдоныл æмæ дих кæнæм сеʻввахс адæмы рис æмæ фыдох. Ӕмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрыстыр стæм сæ хæс цы æфсæддонтæ сæххæст кодтой, уыдон хъæбатырдзинадæй. Хъайтарты нæмттæ, кæцыты рæнхъыты уыдысты бархионтæ Хуссар Ирæй, цæрдзысты æнустæм", — радæтта президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

14 августы Абхазы адæм нысан кæнынц сæ ног историйы мысæн датæтæй иу – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Уыцы бон, 1992 азы Гуырдзыстоны хотыхджынтæ бабырстой Абхазмæ æфсæнвæндаг хъахъхъæныны фсон.