Хуссар Иры бакодтой карантин фосы низы тыххæй

Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ сгарынц автотранспорт, цæмæй рабæрæг кæной æмæ ма руадзой горæтмæ рласын хæдзарон фос, маргъ æмæ фыдызгъæлы продукци
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ уадзынц хъахъхъæнæн-карантинон мадзæлттæ фосы низтæ — стурты нодулярон дерматит æмæ хуыты африкæйаг емынæ парахат ма руадзыны нысанæн, хъусын кæны МХМ пресс-службæ

Фæндагон змæлды æдасдзинады паддзахадон автоинспекци (ФЗӔПА) фæкарздæр кодтой уадзæн режим, сгарынц автотранспорт, цæмæй рабæрæг кæной æмæ ма руадзой республикæмæ рласын хæдзарон фос, маргъ æмæ фыдызгъæлы продукци.

"Мах раздæр дæр нæ уагътам æнæ æмбæлон документацийæ фыдызгъæлы продукци, фæлæ ерын та бакодтой карантин. Арæх Знауыры районæй цæрджытæ ласынц хæдзарон фос æмæ сæ хæринаг. Ахæм цаутæ куы рабæрæг кæнæм, уæд дарддæр нал ауадзæм хæдтулгæты, аздахæм сæ фæстæмæ", — загъта мидхъуыддæгты министрады районы хайады сæргълæууæг Коцты Ярослав.

Уый банысан кодта, карантин куы бакодтой уæдæй фæстæмæ фембæлдысты дæс цауыл.