ФТЦ Цæгат Иры: фæмард ис цыппар адæймаджы

Хæдтулгæ Opel Vectra сæмбæлд КамАЗ-ыл Цæгат Ирыстоны трассæ Мæздæг-Прохладныйыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Зиæнттимæ авари хæдтулгæтæ Opel Vectra æмæ КамАЗ-имæ ʻрцыд Цæгат Ирыстоны Мæздæджы районы, хъусын кæны ЦИ УУМ пресс-службæ.

Фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн амард цыппар адæймаджы, фыссы портал News-R экстренон службæты бæрæггæнæтыл æнцойгæнгæйæ.

Аварийы фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн баххуыс кодтой УФ УУМ цыппар кусæджы æмæ иу иуæг техникæ.