Плиты Николь раразмæ 'рцыд национ преми "Главные Герои"-мæ

Цæгатирыстойнаг авдаздзыд чызг, кæцыйы ном айхъуыст æмдзæвгæтæ дзурыны арæхстдзинады фæрцы, гæнæн ис æмæ райса преми йæ телеалæвæрды тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Плиты Никольы раразмæ кодтой национ преми "Главные Герои"-мæ  "Главный юный ведущий"-йы номинацийы. Уымæй дарддæр ма, "Главный познавательный ТВ-проект"-ы номыл тох кæндзæн æрыгон фыссæджы алæвæрд "Доктор Малышкина", хъусын кæны конкурсы сайт.

Плиты Никольы ном айхъуыст Уæрæсейы проект "Лучше всех"-ы йæ хайадисты фæстæ, цы ран уый равдыста йæ курдиат æмдзæвгæтæ æнæкæсгæйæ дзурынæй. Уый фæстæ æрыгон поэтессæ ныммыхуыр кодта йæ æмдзæвгæтæ æмбырдгонд.

Æрвылазон национ сывæллæтты преми "Главные Герои" — хорзæх, кæцы лæвæрд цæуы æрмæстдæр проекты сайтыл æппæтуæрæсейон хъæлæсæппæрсты руаджы сывæллæтты ʻхсæн.

Премийы хицæуттæ фæбæрæг уыдзысты 1 сентябры цытджын уавæры.