Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы ʻхсæн арæныл æрурæдтой наркодилеры

Фæткхалæг паспортон контролы рæстæджы уыд наркотикон буарадты æндæвдады бын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы" Цæгат Ирыстоны таможнæйы куысджытæ æрурæдтой фæсарæйнаг бæстæйы цæрæджы,кæцы бафæлвæрта арæны сæртыл Уæрæсемæ баласын героины стыр гуырахст, хъусын кæны газет "Слово" Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФӔС) Цæгат Ирыстоны арæнгæрон управленийы пресс-службæйы ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.

Нысан æрцыд, фæткхалæг паспортон контролы рæстæджы уыд наркотикон буарадты æндæвдады бын.

"Наркодилеры ныхмæ конд æрцыд уголовон хъуыддаг, кæцы домы уголовон бæрндзинад хæссын фондз азæй дæсы онг", — дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.

Ныридæгæн цау бæстонæй сгæрст цæуы.