ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik. Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) иммиграцион управленийы кусджытӕ басгӕрстой Хуссар Ирыстоны территорийы фӕсарӕйнӕгты уӕвыны документтӕ, афтӕ ма куыстӕн патенттӕ дӕр, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Инспектортӕ не ссардтой миграцион законы фехӕлдтӕ.
Афтӕ ма иммиграцион управленийы кусджытӕ фехъусын кодтой фӕсарӕйнӕгтӕн мадзӕлтты тыххӕй, цӕмӕй ма бауадзой парахат ӕмӕ пайда кӕнын дымыны буарадтӕй.
"Мах бамбарын кодтам мигранттӕн, Хуссар Ирыстоны тобӕгонд кӕй у "Ӕууилгæ тамако "снюс" ӕмӕ "насвай"-ы æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ пайда кæнын", ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстам фӕткхалджытӕ кӕй хӕсдзысты административон бӕрн", — банысан кодта иммиграцион управленийы кусӕг Плиты Андрей.
МХМы банысан кодтой, зӕгъгӕ, иу къуырийы размӕ милици ӕрцахста Таджикистаны дыууӕ цӕрӕджы, кӕцыты фатеры ссардтой ӕууилгӕ тамако "насвай"-ы 100 грамм. Тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй сӕ фӕивар кӕной фӕйнӕ 30 мин сом ӕмӕ сӕ арвыстой республикӕйы территорийӕ.