Форум "Балтийский Артек"-ы хайадисджытӕ: хъӕуы рафӕлхатын Цхинвалы

Хуссар Ирыстоны ӕвзонг политиктӕ ӕрцыдысты ӕхсӕнадӕмон форумӕй Калининградӕй ног хъуыдытимӕ: сӕ тӕлмӕн ӕмӕ фӕлтӕрды тыххӕй уыдон радзырдтой Sputnik пресс-центры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ӕхсӕнадӕмон форумты хайад исын хъуамӕ уа ӕнӕмӕнг традици хуссарирыстойнаг фӕсивӕдӕн, уый тыххӕй ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон фӕзуаттӕ дӕттынц фадат равдисын республикӕ фӕсарӕнты. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik пресс-центры фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы сӕргълӕууӕг Коцты Михаил.

Форум "Машук-2018"-ы уагъд цӕуы Цӕгат Ирыстоны бон

Калининграды кӕронмӕ бахӕццӕ ӕхсӕнадӕмон форум "Балтийский Артек"-ы радон раунд, кӕцы ӕрӕмбырд кодта 70 бӕстӕйӕ хайадисджыты. Форумы уыдысты Хуссар Ирыстоны ӕвзонг политиктӕ дӕр.

Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы кусӕг Тыбылты Демури радзырдта иууыл ахсджиагдӕр фембӕлдты тыххӕй форумы фӕлгӕтты.

"Иууыл тынгдӕр бахъуыды кодтон Уӕрӕсейы ФХМ минӕвар Мария Захарова ӕмӕ хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Александр Фомины раныхас, кӕцытӕ радзырдтой ӕхсӕнадӕмон ӕдасдзинады проблемӕтыл. Уый уыд егъау фӕлтӕрд, хорз уыдаит уадзын ахӕм фембӕлдтӕ нӕ республикӕйы дӕр", — радзырдта Тыбылты Демури.

"Иугонд Алани"-йы сӕргълӕууӕг Коцты Михаил банысан кодта, зӕгъгӕ, фӕзуатыл сын уыд фадат радзурын Хуссар Ирыстоны тыххӕй. Афтӕ ма форумы фӕстӕ сӕм фӕзынд бирӕ хъуыдытӕ, кӕцытӕ хъӕуы сӕххӕст кӕнын республикӕйы.

Пресс-конференция

"Ивгъуыд форумты рӕстӕджы ӕз ныхӕстӕ кодтон фӕсарӕйнӕгтимӕ нӕ бӕстӕйы тыххӕй. Уыдонӕн уыд цымыдисон базонын, куыд нӕм цӕуы цард хӕсты фӕстӕ", — загъта Коцты Михаил.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы ӕмӕ фӕсарӕнты ис хорз ӕхсӕнадон программӕтӕ, кӕцытӕ гӕнӕн ис сӕххӕст кӕнын Хуссар Ирыстоны дӕр.

Фӕсивӕдон фӕзуат ӕрӕмбырд кодта 70 бӕстӕйы минӕвӕртты, се 'хсӕн Аргентина, Австрали, Болгари, Бельги, Дани, Венгри, Греци ӕмӕ Сирийӕ.

1 / 5
Пресс-конференци.
2 / 5
Пресс-конференци.
3 / 5
Пресс-конференци.
4 / 5
Пресс-конференци.
5 / 5
Пресс-конференци.

Форум 2018 азы сорганизаци кодтой УФ президент Владимир Путины фӕдзӕхстӕй. Фӕсивӕдон форумы организатор у фӕсивӕдон хъуыддӕгты фӕдыл уӕрӕсейаг федералон агентад, кӕцыйӕн ӕххуыс кодтой Уӕрӕсейы ФХМ, Россотрудничество, Калининграды хицауад ӕмӕ Балтийскы федералон университет.