Бибылты Анатолий радта Национ музейӕн ног экспонаттӕ

Президенты экспозици баххӕст кодтой экспонаттӕ, кӕцытӕ паддзахады сӕргълӕууӕгӕн балӕвар кодтой Сиримӕ балцы рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта республикӕйы Национ музейӕн экспонаттӕ, кӕцытӕ йын Сиримӕ официалон балцы рӕстӕджы балӕвар кодтой САР къухдариуӕгад ӕмӕ Дамаскы ӕмбӕстӕгтӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Лӕвӕртты ӕхсӕн сты декоративон дурын, декоративон цайдантӕ, къухӕй конд хъаматӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Президент Южной Осетии передал Нацмузею новые экспонаты

Афтӕ ма музейӕн радтой САР президент Башар Асады лӕвар фотоальбом, кӕцыйы сты дыууӕ паддзахады сӕргълӕуджыты фембӕлдты хронологи.

"Хъӕуы саразын алцыдӕр, цӕмӕй Национ музей уа ирон культурӕйы центртӕй иу. Ацы экспонаттӕ сты тынг зынаргъ мӕнӕн, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕнын, нӕ республикӕйы цӕрджытӕн дӕр. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уыдон схъӕздыг кӕной музейы коллекци", — загъта Бибылты Анатолий музейы директор Зассеты Мерабӕн.

Зассеты Мераб загъта бузныг президентӕн ӕмӕ банысан кодта, зынаргъ лӕвӕрттӕ кӕй ӕрцахсдзысты музейы цытджын бынат.

Президент Южной Осетии передал Нацмузею новые экспонаты

Хуссар Ирыстоны делегаци Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй уыд Сирийы официалон балцы 23–26 июлы. Дамаскы президент фембӕлд Башар Асадимӕ, паддзахадты сӕргълӕуджытӕ бафыстой Бадзырд ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл.