Гасситы Мурӕты хайад WBSS-йы дыккаг сезоны нырма нӕ аскъуыддзаг кодтой

Нырма ирон боксер у фӕстауӕрцон Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы дыккаг сезоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурӕты галиу уӕхсчы травмӕ хъыг дары хайад райсын Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы (WBSS) дыккаг сезоны, ныртӕккӕ уый у фӕстауӕрцон. Уый тыххӕй фехъусын кодта РИА Новости Уӕрӕсейы боксы Федерацийы генералон секретарь Умар Кремлевы ныхӕстӕ.

Гасситы Мурӕт райста травмӕ: боксерӕн гӕнӕн ис бахъӕуа саразын операци

"Максим Власов ӕмӕ Руслан Файфер хайад райсдзысты дыккаг сезоны. Гасситы Мурӕт хос кодта йӕ травмӕйӕн. Ныртӕккӕ Мурӕт нӕ райсдзӕн хайад дыккаг сезоны, фӕлӕ ис фадат, цӕмӕй уӕддӕр хайад райса турниры. Гӕнӕн ис ӕмӕ йӕ бахӕссой турнирмӕ декабры, ӕрныхас кодтам уый фӕдыл суперсерийы организатортимӕ. Алцыдӕр баст у йӕ ӕнӕниздзинадыл", — загъта Кремлев.

Амӕйразмӕ Гасситы Мурӕт ауагъта Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон тох, кӕцыйы очкотӕй фембылд украинаг боксер Александр Усикӕн.