Театры фӕдыл уагӕвӕрд ӕмӕ мыздтӕ актертӕн: парламенты ацӕудзӕн уӕрӕх рабадт

Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театр у Хуссар Ирыстоны адӕмы националон хӕзна
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Парламенты депутаттӕ ӕркастысты Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры статусы фӕдыл уагӕвӕрдмӕ националон политикӕ, культурӕ, ахуырад, зонад, религи ӕмӕ ДИФ-ы фӕдыл комитеты рабадты рӕстӕджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта закондӕттӕн органы пресс-службӕ.

"Рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой Паддзахадон драмон театры статусы фӕдыл уагӕвӕрд саразыны фарстайы тыххӕй, кӕцыйы схуыдтой адӕмы хӕзна РХИ Паддзахадон Ныхасы президиумы уынаффӕмӕ гӕсгӕ 1994 азы 25 августы", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Афтӕ ма депутаттӕ ӕрдзырдтой театры кусджыты мызд фӕфылдӕр кӕныны фарстайыл дӕр.

Рабадты хайадисджытӕ аскъуыддзаг кодтой ауадзын уӕрӕх рабадт ацы фарстытыл ӕмӕ фӕхонон интересы бацӕуӕг уагдӕтты ӕмӕ президенты администрацийы минӕвӕртты.