Цӕгат Иры басгардзысты ӕфсӕддонты хӕстон цӕттӕкӕнынад

Хуссар ӕфсӕддон зылды командӕгӕнӕг ӕрцыд республикӕмӕ, цӕмӕй басгара ротон-тактикон ахуырты рӕстӕджы командӕгӕнджыты архайд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников басгардзӕн Цӕгат Ирыстоны ӕфсӕддонты хӕстон цӕттӕкӕнынад, хъусын кӕны РИА Новости Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы ныхӕстӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ уадзынц иумӕйаг ахуыртӕ

"Хуссар ӕфсӕддон зылды командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников ӕрцыд Цӕгат Ирыстонмӕ, цӕмӕй басгара 58-ӕм ӕфсады ӕфсӕддон хайадты хӕстон цӕттӕкӕнынад", —дзырдӕуы хъусинаджы.

Зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников йӕхӕдӕг аргъ кӕндзӕн хайадты командӕгӕнджытӕн, ӕмӕ уый тыххӕй ӕхсӕз сахат хайад исдзӕн дыууӕ фарсы ахуырты дӕр, бафтыдтой пресс-службӕйы.

Ахуырты хайад исынц ӕхсӕз мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр ӕмӕ техникӕйы дыууӕ мин иуӕджы.