Гӕбӕраты Ян
Хуссар Ирыстоны экономикӕйы дӕргъвӕтин бастады фӕстӕ бизнес фӕстаг ӕзты райдыдта аразын къахдзӕфтӕ размӕ. Цхинвалы кусынц ресторантӕ, кафетӕ ӕмӕ дуканитӕ: амалиуӕггад бирӕ адӕмӕн ссис сӕ царды уаг.
Хуссарирыстойнаг бизнесы ӕртӕ хуызӕг, кӕцыты цӕвиттон ӕрбаздӕхдзӕн республикӕмӕ ӕндӕр инвесторты дӕр – проекттӕ "Ирыстоны дыргъдæттӕ", "Ир-Базальт" ӕмӕ "Растдон" – сты тынг ахсджиаг республикӕйы бизнесментӕн ӕмӕ цӕрджытӕн. Ацы объекттӕм ацыдысты Sputnik журналисттӕ экономикӕйы фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Павел Ковальскийимӕ.
"Ирыстоны дыргъдæттӕ"
Цхинвалы цӕгаттаг-скӕсӕны фарс фӕткъуыты дыргъдон у Хуссар Ирыстоны ныры бизнесы иууыл стырдӕр объекттӕй иу.
"Ирыстоны дыргъдæттӕ" – уӕрӕсейаг инвестор Константин Ластовичы проект. Сӕ иумӕйаг фӕзуат у 50 гектар. Ис дзы 160 мин алыгъуызон фӕткъуыйы бӕлас: "дюшес", "ред-чиф", "гала" ӕмӕ "голден".
Проекты генералон директор Ластович радзырдта, "Ирыстоны дыргъдæтты" сӕйраг миниуджыты тыххӕй.
"Фыццаг тыллӕг уыдзӕн ацы аз. Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ фӕткъуыты цыппар сорт ӕрхӕсдзысты иумӕйагӕй 60 тонн" – загъта Ластович.
Афтӕ ма уый банысан кодта, зӕгъгӕ, тыллӕг ӕмбырд кӕнынӕн-иу алы сезон дӕр баххуырсдзысты 60 адӕймаджы.
"Ир-Базальт"
"Ирыстоны дыргъдæтты" комплексы цур арӕзт цӕуы куыстуат "Ир-Базальт", кӕцы араздзӕн базальты таг.
"Кондады бӕрцуат уыдзӕн дыууӕ сӕдӕ тонн иу азмӕ. Инвестициты иумӕйаг суммӕ у 238 милуан сомы", — радзырдта Ковальский.
Натуралон "Растдон"
Куыстуат "Растдон" зонгӕ у республикӕйы алкӕцы цӕрӕгӕн дӕр. Ацы куыстуат райдыдта уадзын гогызы фыдӕй продукци. Цъус рӕстӕджы фӕстӕ, "Растдон" бакодта Цхинвалы дыууӕ дукани.
"Инвестициты суммӕ рацыд 152 милуан сомы. Ныртӕккӕ заводы кусы 46 адӕймаджы, кӕцытӕ исынц хорз мызд", — фехъусын кодта Ковальский.
Завод ӕрмӕст мидӕггаг базармӕ нӕ кусы, фӕлӕ ма фӕнд кӕны ласын йӕ продукци Уӕрӕсемӕ. Ӕввахс рӕстӕджыты "Растдон" райдайдзӕн йӕ продукцийы экспорт Уӕрӕсемӕ – хъӕуы ма ӕрмӕст ацӕуын лабораторон экспертизӕ.
Хаттдзӕг
Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзт 2015-2017 ӕзты фӕфылдӕр ис, уый разынд адӕмы хӕрздзӕринадыл дӕр.
Алыгъуызон куыстуатты кусджыты мызд фӕфылдӕр 2013-2017 ӕзты 22 проценты – 13 463 сомӕй 16 331 соммӕ.