ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлдзӕн Мӕскуыйы Уӕрӕсейы Федерацийы сӕргълӕууӕг Владимир Путинимӕ. Фембӕлд сӕххӕст уыдзӕн хуссарирыстойнаг лидеры балцы рӕстӕджы Мӕскуымӕ 23-25 августы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзурдзысты дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстады райрӕзты перспективӕтыл.
"Дыууӕ бӕстӕйы лидертӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады боны размӕ хаттдзӕгтӕ рахӕссдзысты дӕс азы периодӕн ӕмӕ ӕрдзурдзысты интеграцийы дарддӕры райрӕзтыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Балцы Хуссар Ирыстоны президентимӕ уыдзысты хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Козаты Игорь ӕмӕ финансты министр Хӕбӕлаты Аза.