Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг бафӕдзӕхста дисциплинӕ халджыты

Законы алкӕцы фехӕлды фӕстӕ дӕр цӕудзысты службӕйон басгӕрсттӕ ӕмӕ бафхӕрдзысты зылынджынты, бахахх кодта министр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджыты дисциплинӕ нӕй ӕмбӕлгӕ ӕмвӕзадыл, фехъусын кодта мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь.

Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ цӕттӕ сты Банымады бонмӕ

"Хъӕуы оперативон архайын кусджыты службӕйон фехӕлдты рӕстӕджы. Законы алкӕцы фехӕлды фӕстӕ дӕр цӕудзысты службӕйон басгӕрсттӕ, зылынджынты ӕфхӕрдзысты законмӕ гӕсгӕ", — хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ Наниты Игоры ныхӕстӕ, кӕцытӕ уый загъта оперативон рабадты рӕстӕджы уагдоны къухдариуӕгадимӕ.

Афтӕ ма пресс-службӕ фехъусын кодта, министр кӕй фехъусын кодта йӕ кусджытӕн, уагдон кӕй райдыдта фидын иурӕстӕгон фиддонтӕ милицийы кусджыты бинонтӕн, кӕцытӕ фӕмард сты сӕ службӕйон хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ.

"МХМ бафиддзӕн 500 мин сомӕй 1 милуан соммӕ 50 кусӕджы бинонтӕн, кӕцытӕ фӕмард сты сӕ службӕйон хӕст ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕмӕ хӕсты рӕстӕджы", — загъта Наниты Игорь.

Афтӕ ма рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады фарстыл ӕмӕ  РХИ хӕдбардзинады банымады боны ӕхсӕнадон фӕткы хъахъхъӕнынадыл.