Путин: Уӕрӕсе аразы алцыдӕр Хуссар Иры ӕххуысӕн

Уӕрӕсейы президент раарфӕ кодта йӕ коллегӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн ирон адӕмӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады 10 азы сӕххӕсты цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Мӕскуыйы сӕххӕст ис Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд, хъусын кӕны ХИ паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Уӕрӕсейаг лидер бахахх кодта, зӕгъгӕ, УФ аразы алцыдӕр Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинад сфидар кӕнын ӕмӕ экономикӕйӕн феххуыс кӕнынӕн.

"Цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма уа, уӕддӕр республикӕ размӕ цӕуы. Мах аразӕм алцыдӕр Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинад сфидар кӕнын ӕмӕ экономикӕйӕн феххуыс кӕнынӕн", — загъта Путин.

УФ президент банысан кодта, зӕгъгӕ, базайрӕгты ӕрзылд фӕстаг мӕйты фылдӕр кӕны, ӕххӕст цӕуынц инвестицион проекттӕ Уӕрӕсейы ӕххуысы фӕлгӕтты.

Афтӕ ма уый ӕрдзырдта ӕмгуыстады ӕндӕр здӕхтты тыххӕй дӕр, се 'хсӕн цӕрӕнуаты арӕзтад ӕмӕ ЦКХ.

Афтӕ ма Путин раарфӕ кодта йӕ коллегӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн ирон адӕмӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады 10 азы сӕххӕсты цытӕн.

"Мӕн фӕнды раарфӕ кӕнын банымады 10 азы сӕххӕсты цытӕн. Мӕ цӕст уарзы дӕуӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмӕн дзӕбӕхдзинад ӕмӕ дидинӕфтыд", — загъта президент.

Бибылты Анатолий та раарфӕ кодта Владимир Путин ӕмӕ уӕрӕсейӕгтӕн Паддзахадон тырысайы боны цытӕн, кӕцы уыд фембӕлды хӕдразмӕ ӕмӕ загъта бузныг уӕрӕсейаг лидерӕн Мӕскуымӕ ӕрхуынды тыххӕй.

"Фӕнды мӕ зӕгъын, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад республикӕйӕн кӕй у историкон цау. Хӕст ӕмӕ республикӕйы хӕдбардзинады банымады фӕстӕ Хуссар Ирыстоны адӕм райдыдтой цӕрын сабырдзинады", — загъта уый.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта Владимир Путины архайд республикӕйы райрӕзты.

"Мах иууылдӕр зонӕм, цы егъау нысаниуӕг дын уыд республикӕйы райрӕзты ӕмӕ Хуссар Ирыстоны историйы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр бузныг дын уый тыххӕй", — банысан кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.