Президент схорзӕхджын кодта Владимир Путин ӕмӕ Дмитрий Медведевы Уацамонгӕйы Ордентӕй

Хуссар Ирыстоны сӕйраг хорзӕхтӕ радтой Кремлы, цы ран майрӕмбоны сӕххӕст ис Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президентты фембӕлд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта уӕрӕсейаг коллегӕйы Орден Уацамонгӕйӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг хорзӕхтӕ радтой Кремлы, дыууӕ президенты фембӕлды рӕстӕджы, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Президенты указы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Владимир Путинӕн хорзӕх радтой "йӕ егъау хайбавӕрды тыххӕй Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийӕн ныхкъуырд раттын, афтӕ ма Республикӕ Хуссар Ирыстоны сӕрибар паддзахад сфидар кӕныны тыххӕй".

Президент РФ Владимир Путин и президент Республики Южная Осетия Анатолий Бибилов во время встречи в Кремле

Афтӕ ма Орден Уацамонгӕйӕ схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы хицауады сӕрдар Дмитрий Медведевы "йӕ сгуыхтдзинӕдтӕ банымайыны тыххӕй Хуссар Ирыстоны раз, афтӕ ма йӕ хайбавӕрды тыххӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад райсыны"

Бибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путины фембӕлд сӕххӕст ис майрӕмбоны Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады 10-ӕм афӕдзы боны хӕдразмӕ.