Хуссар Иры дипломаттӕ снывонд кодтой сӕ уӕлахиз республикӕйы банымады юбилейӕн

Хуссар Ирыстоны минӕварады кусджытӕ хайад райстой сӕрдыгон дипломатон хъӕзтыты Мӕскуыйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварады командӕйы банымадтой иууыл ӕнтыстджындӕрыл XХ юбилейон дипломатон хъӕзтыты, кӕцытӕ 20 аз организаци кӕны Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ). Сӕ уӕлахиз хуссарирыстойнаг дипломаттӕ снывонд кодтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады 10 азы сӕххӕстӕн, хъусын кӕны минӕварады пресс-службӕ.

Ерыстӕ ауагътой олимпиаг спорты хуызтӕй: баскетбол, стыр теннис, волейбол, кросс ӕмӕ футболӕй. Уыдоны хайад райстой ӕппӕт дунейӕ дипломаттӕ.

"Хуссар Ирыстоны командӕ бацахста фыццаг бынат стыр теннисӕй ерысты ӕмӕ фӕндзӕм бынат футболы турниры. Уыдон рамбылдтой ХАР-ы командӕйы 5:0 хыгъдӕй ӕмӕ фембылдысты Нигерийы командӕйӕн пенальтитӕй. Иууыл ӕнтыстджындӕр командӕ банымадтой хуссарирыстойнаг минӕварады командӕйы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ир нысан кӕны хӕдбардзинады банымады дӕсӕм юбилей

Мадзалы хайад райстой дипломатон мисситы сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ кусджытӕ, Уӕрӕсейы ФХМ къухдариуӕгад, зындгонд уӕрӕсейаг спортсментӕ ӕмӕ культурӕйы архайджытӕ.

Хуссар Ирыстон хуыцаубоны нысан кӕны республикӕйы хӕдбардзинады банымады 10-ӕм юбилей. 2008 азы 26 августы "Фондзбонон хӕсты" фӕстӕ УФ президент Дмитрий Медведев бафыста указ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл. Уӕрӕсейы фӕстӕ республикӕты суверенитет банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.