ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. Ахуырадон балц "Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!"-йы Санкт-Петербургмӕ хайад райстой 25 бӕстӕйӕ делегацитӕ, се 'хсӕн Хуссар Ирыстоны скъоладзаутӕ дӕр. Сывӕллӕттӕ арвыстой диссаджы къуыри Уӕрӕсейы культурон столицӕйы, базонгӕ сты Петербурджы сӕйраг фендтаг бынӕттимӕ.
"Балц ацыд ӕнӕ ӕвирхъау цаутӕй — сывӕллӕттӕ райстой бирӕ хорз эмоцитӕ ӕмӕ сӕхи хорз дардтой. Сывӕллӕттӕ сӕхи активонӕй ӕвдыстой, иу конкурсы та бацахстой фыццаг бынат", — радзырдта Sputnik Россотрудничествойы минӕварады сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов.
Цӕгаттаг столицӕмӕ балц сывӕллӕттӕн райдыдта ахуырадон экскурсийӕ горӕты. Афтӕ ма скъоладзаутӕн бацӕттӕ кодтой культурон программӕ: сывӕллӕттӕ уыдысты мастер-классты, хайад истой конкурсты ӕмӕ равдыстой сӕхи сфӕлдыстад.
Уӕрӕсейы Федерацийы историкон бынӕттӕм цӕуыны ахуырадон программӕ "Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!" ӕххӕст кӕны Россотрудничество 2014 азӕй фӕстӕмӕ.