Легендӕты изӕр: Цхинвалы ацыд II рок-фестиваль "Ирон-рок"

Музыканттӕ снывонд кодтой ӕхсӕнадӕмон фестиваль Хуссар Ирыстоны банымады 10-ӕм юбилейӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Улӕфты бонты кӕрон, кӕцытӕ уыдысты нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады юбилейӕн, Цхинвалы ацыд дыккаг фестиваль "Ирон-рок", кӕцы ӕрӕмбырд кодта фыдыбӕстӕйон рокы уарзджыты.

Второй международный IRON ROCK фестиваль

Легендарон къордтӕ "Bonvaron" ӕмӕ "Kroydon"-ӕй дарддӕр сценӕйыл ралӕууыдысты Аивӕдты лицей ӕмӕ скъола "Альбион"-ы рок-коллективтӕ. Ӕхсӕнадӕмон фестивальмӕ ӕрхуыдтой коллективты Кӕсӕг-Балхъар, Абхаз ӕмӕ ДАР-ӕй, кӕцыты тынг хорз райстой.

Рок в Цхинвале: музыканты исполнили бессмертные хиты

Хъуылымбегты Сослан ӕмӕ Гуыцмӕзты Инна сӕххӕст кодтой зарджытӕ, кӕцытӕ ныффыстой ирон поэтты ӕмдзӕвгӕты бындурыл. Кӕсджытӕ дзырдтой бузныджы ныхӕстӕ диссаджы изӕры тыххӕй ӕмӕ сидтысты, цӕмӕй азарой сӕ уарзон зарджытӕ.

Второй международный IRON ROCK фестиваль

Рок-музыкӕйы уарзджытӕ дзырдтой, ӕнӕхъӕн аз кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты ацы фестивальмӕ, цӕмӕй байхъусой сӕ уарзон музыканттӕм, ӕрцыдысты фанаттӕ Цӕгат Ирыстонӕй дӕр.

Второй международный IRON ROCK фестиваль

Фӕзуатыл ахӕм бирӕ адӕм нӕ уыд, фӕлӕ аудитори уыд тынг алыгъуызон — сӕ уарзон композицитӕм байхъусынмӕ ӕрцыдысты ӕвзонг фӕсивӕд ӕмӕ легендарон музыкантты ӕмбӕлттӕ, кӕцытӕ сӕ хъуыды кӕнынц сӕ сфӕлдыстады райдайӕнӕй фӕстӕмӕ.

Традицимӕ гӕсгӕ фестиваль фӕцис зарӕг "Ирӕттӕ размӕ"-йӕ, уый азарыдысты артисттӕ иууылдӕр кӕсджытимӕ иумӕ.

1 / 5
II рок-фестиваль "Ирон-рок"
2 / 5
II рок-фестиваль "Ирон-рок"
3 / 5
II рок-фестиваль "Ирон-рок"
4 / 5
II рок-фестиваль "Ирон-рок"
5 / 5
II рок-фестиваль "Ирон-рок"

Бӕрӕгбонон датӕйӕн нывонд дӕргъвӕтин улӕфты бонты уыд бирӕ цины цаутӕ ӕмӕ цытджын мадзӕлттӕ — Цхинвалы банысан кодтой Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры баконд, ирон адӕмы уанелы рӕстӕджы ӕрдзырдтой ахсджиаг фарстытыл, банысан кодтой цытджын бӕрӕгбон театралон равдыст, концерт ӕмӕ фейерверкӕй.