Гасситы Мурӕты тренер радзырдта, цас рӕстӕг нӕ рахиздзӕн боксер рингмӕ

Боксеры хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй сфидар уа операцийы фӕстӕ, фехъусын кодта Абель Санчес
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Уӕрӕсейаг боксер Гасситы Мурӕт нӕ райсдзӕн хайад тохты фондз-ӕхсӕз мӕйы йе 'нӕниздзинады уавӕры тыххӕй, фехъусын кодта спортсмены тренер Абель Санчес, радӕтта РИА Новсоти ESPN-ы ныхӕстӕ.

Гасситы Мурӕты хайад WBSS-йы дыккаг сезоны нырма нӕ аскъуыддзаг кодтой

Гасситы Мурӕт Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон тохы фембылд украинӕйаг боксер Александр Усикӕн. Амӕй размӕ Уӕрӕсейы боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев фехъусын кодта, Гасситы Мурӕт кӕй рацыд фидар кӕныны курс йӕ уӕхсчы травмӕйы фӕстӕ.

"Травмӕтӕ йын уыд, кӕцытӕн хъӕуы хос кӕнын бирӕ рӕстӕг. Уый тыххӕй мах нӕ уадздзыстӕм тохтӕ фондз-ӕхсӕз мӕйы", — загъта Санчес.

Тренер банысан кодта, зӕгъгӕ, Гасситы Мурӕтӕн сарызтой операци йӕ уӕхсчы ӕмӕ фындзы травмӕйы тыххӕй.

"Фӕлӕ иу мӕймӕ мах фембӕлдзыстӕм нӕ командӕимӕ ӕмӕ ӕрдзурдзыстӕм уавӕрыл", — фехъусын кодта Санчес.

Афтӕ ма уый бафтыдта, уӕззаудӕр категоримӕ ахизыны фарст нырма кӕй нӕ аскъуыддзаг кодтой.

Амӕй размӕ Кремлев фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Гасситы Мурӕты хайадист WBSS-йы дыккаг сезоны нырма нӕ аскъуыддзаг кодтой, уый нырма у "фӕстауӕрцон".