Хуссар Ирыстон баззад ӕнӕ рухсӕй

Электроэнерги ахицӕн кодтой Цӕгат Ирыстоны дӕлстанцыл куыстыты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги нал цӕудзӕн цыппӕрӕмы Цӕгат Ирыстоны электрондыхы хаххыл куыстыты тыххӕй.

Бон раздӕр унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы хистӕр фехъусын кодта, рухс кӕй нӕ уыдзӕн 19.00 сахатмӕ.

"Ручы тоннелы Цӕгаттаг порталы кӕронмӕ бахӕццӕ сты дӕлстанцы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Цыппӕрӕмы объект баиу кӕндзысты, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕгмӕ ахицӕн кӕнын электроэнерги. Рухс нӕ уыдзӕн 9.00-ӕй 19.00 сахатмӕ", — загъта Гӕбӕраты Алан.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгатаг портал-Дзау"-ыл.