Цхинвайлаг теннисисттæ рамбылдтой Абхазы турнир

Уæлыстол теннисы æхсæнадæмон ерыстæй сыгъзæрин æмæ бронзæ майдантæ 'рхаста Бекъойты Эдуард, Елбачиты Ирина та ссис æртыккаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг теннисисттæ ссисты Абхазы теннисы федерацийы фыццаг президент Омар Кварчияйы номарæн æхсæнадæмон турниры призертæ, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

Ерысты Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæдтой Бекъойты Эдуард, Джиоты Георгий æмæ Елбачиты хотæ — Ирина æмæ Аланæ.

"Елбачиты Ирина хисæрмагонд ерысты ссис æвзист призер, æртыккаг бынат райста Бекъойты Эдуард дæр, уый ма призон бынаты хицау бацис æмхæццæ–къайон ерысты йæ æмтохгæнæг абхазаг спортсменкæ Эрика Кварчияимæ", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, турниры фæлгæтты кæй ацыдысты хицæн ерыстæ, кæцытæ нывонд уыдысты æфсымæрон республикæйы хæдбардзинад банымады 10-æм юбилейæн.

Хуссарирыстойнаг теннисисттæ æмæ тренертæ

"Абхазы республикæйы хæдбардзинад Уæрæсейы ʻрдыгæй бынымайыны цытæн ерысты Бекъойты Эдуард сисс уæлахиздзау. Сывæллæтты ʻхсæн Джиоты Георгийы рахицæн кодтой сæрмагонд грамотайæ – "За волю к победе"-йæ", — бафтыдта Джиоты Мириан.

Командæйæн ацæуынæн баххуыс кодтой Хуссар Иры президент, фæсивæдон организаци "Иугонд Алани" æмæ компани "Остелеком".